Журнал "Мах дуг"

@id1502008950_gos
НӔ МЫЛ БАУУӔНДЫД... Уӕд ӕз районы газеты редакторӕй куыстон ӕмӕ иубон нӕ горӕты базарадон организацийы автолавкӕйы шофыр Борсӕты Ирбегӕй хӕсӕй гауыз райстон, зӕгъын, мӕ мызд мын куыддӕр радтой, афтӕ дӕ мӕхӕдӕг ссардзынӕн. Баууӕндыд мыл, мӕгуыр, уыцы бӕрзонд уӕздан лӕг. Фӕлӕ афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы бонтӕй иуы хъуамӕ районы партион дзуаппон конференцийы ӕвзӕрстаиккой ног фыццаг секретары – фондз кандидатурӕйы дзы уыдис. Ӕз дӕр уыцы фондзы ӕхсӕн кӕй дӕн, уый куыддӕр ӕгъдауӕй Ирбеджы хъустыл ӕрцыд, ӕмӕ мын иуизӕр мӕ хӕдзары дуар ӕрбахоста. Ныфсӕрмытӕ, ныкъӕзӕнӕг, йе ‘рбацыды сӕр цӕуыл уыд, уый зӕгъынмӕ дӕр нал арӕхст, фӕлӕ йӕ ӕз йӕ цӕстӕнгасӕй бамбӕрстон ӕмӕ йын афтӕ зӕгъын: – Ирбег, ӕмӕ афтӕ нӕ баныхас кодтам, ӕз дын дӕ гагуызы аргъ мӕхӕдӕг бахӕсдзынӕн, зӕгъгӕ? Нӕ мыл ӕууӕндыс? Исты ӕрцыди? Уымӕн йӕ цӕсгом сырх хъулон афӕлдӕхт, ӕмӕ дын уыцы уӕзданӕй афтӕ куы бакӕнид: – Ӕрцӕуинаг у. Мӕн дӕр раст бамбар, Дамир, фӕлӕ дӕ, цы нӕ вӕййы, районы хицауӕй адыууӕ боны куы равзарой, уӕд ме ‘хцатыл мӕ къух ауигъдзынӕн. Иу хатт басыгътӕн. Ӕмӕ дӕм раздӕр уымӕн ӕрбацыдтӕн... Уый мӕнмӕ цы худӕг фӕкаст, цы худӕг! Ирбег йӕхӕдӕг дӕр ныппыррыкк ласта... ДАМИР
Если у вас установлено приложение,
вы можете сразу перейти в канал